Читать «Ирон фæндыр» онлайн - страница 12

Коста Леванович Хетагуров

Марходарæг

Лæг кæрдзынæй дæр æфсæды  Гутоны фæстæ.Рагæй нал фæци нæ гæды  Урссаджы хъæстæ.Зæрдæ нал агуры хъазын,  Аргъæуттæй фæцух,Удхæссæг ын фестад зарын,  Хъыгкæны æдзух.Амар æй фæлтау фырнадæй,  Акъах ын йæ цæст,Фесаф æй бынтон, æгадæй, —  Бафсад æй æрмæст!Йе стонгæн бæргæ ис цары  Иу нæртоны хос,Фæлæ йæм фæндаг нæ ары, —  Аскъуыйа йæ бос! —Галы фиу… Йæ бын мæхъийау  Фондз уæрдæхæй баст, —Бурбурид ысси, фæткъуыйау,  Афæдзваг у раст!Ие рагъ афасти фырнæрстæй,  Хус ысмаг хæссы…Гъеныр дæр та йæм цъындцæстæй  Стонг гæды кæсы…Куыдз дæлдæр хуыссы йæ цуры,  Уынæргъы, хъæрзы…Бахудт æм æмæ йæм дзуры:  «Скастæ та йæм, цы?»Гæды фестъæлфыд… фырмæстæй  Аныхта йæ сæр,Ракаст йе знагмæ мæрддзæстæй, —  «Гъæ, зæронд сæлхæр! —Загъта, – ма тæрс, æз мæ цардæн  Базыдтон æгъдау,Ма тæрс, гуыдынхъус, æз нал дæн  Мархохор, дæуау!..»

Ахуыр

Адæмы фæзмгæйæ иухатт мæ йерæдзыпп   Ахастон тулдзджынмæ мемæ.Цуанон та ахæм дæн, æмæ мæ цуанонтæ   Цуаны нæ фæуадзынц семæ!Исты дзы фехсон мæ зæрдæ куыд загътаид, —   Ифтыгъд мыййаг дын куы нæ уыд! —Фыдæлты хæзна нæ къулыл æнæсæрфтæй   Иу-фынддæс азы фæлæууыд.Ацыддæн зад хуымтыл, хосгæрстмæ схæддзæ дæн.   Адæм кæм кусынц, кæм бадынц;Чи фæци, чи та ма хордта йæ аходæн…   Фæрныджы зиууæттæ зарынц…Бахызтæн хъæдбынмæ… бакастæн æрдузмæ, —   Уæртæ дын иу лæг фæхъуызы…Иу къæцæл дæр æм нæ уынын хæцæнгарзæй,   Иу сыбыртт дæр дзы нæ хъуысы…Ай мын цы ми кæны, уый куы нæ базонон! —   Пыхсы йæ фæдыл фæхъуызын…Ноджы кæсын, æмæ уæртæ йæ тæккæ раз   Ферох кæмæйдæр йæ хызын…Макуы дын бантыса, макуы дын батайой   Уыцы мæгуыры къæбæртæ!– Гъей, хорз лæг! Ма бакæ! Худинаг, худинаг! —   Нал æм фæлæууыд мæ зæрдæ.Хуыснæг дын фестъæлфыд, йе ргом мæм фездæхта.   Ох-хай, гъе! Уæртæ зæронд лæг!джихæй мæм аззади, истуг фæдурдзæфау…   Нал уыддæн хорзау мæхæдæг…Бахудт йæ мидбылты… – Ма тæрс, мæ хуры хай,   Дзуры мæм, базыдтон чи у, – Ма тæрс!Мæ хуыснæгад раджы куы ныууагътон;   Искæй нæу хызын, мæхи у!– Ау, кæд дæхи у, уæд ма йæм цæмæ хъуызыс?   Чи дæ нæ уадзы йæ райсын?..Уайсадæг чындзау мæм ноджы ныкъкъæмдзæстыг.   – Афтæ, мæхицæн дзы хъазын, —Загъта ма, мæгуыр, йæхæдæг ныуулæфыд…   Тудæджын ын фестаддæн, хъуамæ!Дзурын æм нал уæндын; дзурын дæр чи уæнды   Уыйбæрц æдæрсгæ æррамæ?!– Гъей, лæппу, – фергом лæг, – ам мæ кæй баййæфтай,   Уым дын мæ диссаг зæгъдзынæн:Сихор мæн у, фæлæ ма йæ куы радавон, —   Адджындæрæн æй хæрдзынæн.Худгæ мыл ма фæкæ! Къаннæг сывæллонæй   Сахуыр дæн сæфты хуыснæгыл.Сомы йыл бакодтон, искæй фос нал давын,   Фæлæ фæхæст дæн хæйрæгыл.Фынгтæ мын байдзагкæн алгъуызон минасæй,   Айдагъ сæ уындæй ныккæрзын!Цалынмæ-иу æй мæхицæй нæ радавын, —   Ад мын нæ кæны мæ кæрдзын…Лæг дзырд нæма фæци, афтæ дын хъæдбынæй   Иу бирæгъ рахæддзæ фахсмæ.Лæгтопмæ февнæлдта… Хæхтæ ныццараудтой.   Бирæгъ æртылди нæ размæ…– Оу, мæнæ диссæгтæ, царциаты диссæгтæ! —   Армытъæпæнтæ фæцагътон, —Лæг ма цыфæнды фæуæд, фæлæ йерæдзыпп, —   Ифтыгъд нæу зæгъгæ нæ загътон?!.

Рувас æмæ зыгьарæг