Читать «Ирон фæндыр» онлайн - страница 10

Коста Леванович Хетагуров

Раджы хохы цъуппæй касти   Иу æрра фыййау,Мигъ æнгом йæ быны бадти,   Урс цагъд къуымбилау.Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, —   Тæккæ былгæрон,Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:   «Агæпп æм кæнон, —Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ   Хизæд уæзæгыл,Æз фæхуысдзынæн изæрмæ   Уыцы бæмбæгыл…»Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, —   Гъопп! – зæгъгæ, йæхиПуртийы зыввытт фæласта…   Лæг ныххæррæгъ и!

Булкъ æмæ мыд

Ма худ аууонмæ æвзæрыл,Хорзы – иу йæ цуры бафау!Дунетæй хуыздæр куы фестай,Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау!Хорз æфсин цы нæ хæринагАвæрдзæн лæгæн йæ разы! —Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæйБирæ кад дæттын фæразы…Гъе, уæддæр нæ хæринæгтæАлы ран сæхи ыстауынц,Загъдкæнынц, сæ кæрæдзийыУазæджы цæстмæхъус фауынц.Физонæг ма, йе хæбизджын Дзурæд! —Уазæг дæр цæ буц у,Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ, —Тайтма дæ хæрынц, – ныхъхъус у!Булкъæн та æппын цæсгом нæй! —Фаджысдон кæны къæбицæй,Судзы ком, уæддæр дын искæйУадзы, цы, хуыздæр йæхицæй?!.Иу фынджы рагъыл та иу хаттУый дæр та фæзынд кæцæйдæр!..Уайтагъд та йæхи фæсфæдтыМыдмæ баластахæстæгдæр…– Оф, оф, уазæг, æз мыдимæ, —Загъта, – диссаг дæн, æрбалæу…– Гъе, смаггæнаг! – мыд фæмæсты.Ныр цы мæткæныс мæ бæсты,Æз хуыздæр куы дæн æнæ дæу!..

Халон æмæ рувас

Цæстмæхъус ныхасФыдбылыз хæссы…Хуыснæггаджы басФу-фуйæ сысы…Кæмдæр та халон —Цыма дзы хъалонНæ фыййау дардта —Цыхты къæртт ссардта.Бæласы цонгылЦæргæсау сбадти,Йе сæфты стонгылНыр диеæй марди.ЗæрдæхъæлзæгæнТæрхæттæ кодтаÆмæ фыдæнæнИæ цыхт нæ хордта.– Цæй, ныр æвналон, —Фæзæгъы халон,Фæлæ та 'взары, —Цыхт дзыхы дары…Уæд дын æм рувасКæцæйдæр рауад…Уайтагъддæр минасЙæ фындзыл ауад.Цæст андæгъд цыхтыл…Иæ къахы æлгътылДæрдты æрзилы,Иæ къуди тилы…Нæ рагон фыдсылНæ зоны бæгуы! —Мæ хуры чысыл,Куыд рæсугъд дæ, куы! —Бынæй йæм дзуры, —Уындæй дæ цуры,Дæ фæхъхъау фæуон,Кæмæй раппæлон?!.Дæ даргъ дæллагхъуыр,Дæ сау базыртæ,Дæ диссаджы гуыр,Дæ худгæ—былтæ!..Æххæст ма зарынКуы зонис, уæд дæПаддзахæн дарынФæразид зæрдæ…Æфсæрмы ма кæ,Мæ уды гага, —Дæ зарæг акæ!..Нæ халон «хъа, хъа!»Зæгъгæ, фæкодтаЙæ хъæлæсы дзаг…ПаддзахгæнæггагКæйдæр цыхт хордтаНæ гæды рувас, —Ды та уал уым уас!..