Читать «Ирон фæндыр» онлайн

Коста Леванович Хетагуров

Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста

ИРОН ФÆНДЫР

Ныстуан

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,Кæуæгау фæкæса, мыййаг, —Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,Уый зарæд йæхи фæндиаг!..Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,Куы бафидин искуы мæ хæс,Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс…

Сагъæс

Мæ удылхæцæгÆнæ æнцой уа,Мæ мады зæнæгМæ мардыл кæуа!Куыд зæхмæдзыд дæн,Куыд фыдуаг хæссын, —Мæ фыдæн фыртæнЦæуылнæ бæззын?Хъæубæстæй – хъоды,Æмгартимæ – сырд,Ныхасы – гоби, —Нæ мæ хауы дзырд.Мæ зонд, мæ фæндылНæ лæууы кæстæр,Кæстæр мæ фæдылНæ цæуы хæстмæ.Бæсты сæрвæлтауНæ кæлы мæ туг;Хæссын, къæлæтау,Цагъайраджы дуг!..

Ныфс

Тызмæгæй мæм ма кæс,Мæ фыды зæронд,Дæ зæрдæмæ ма хæссМæ зæрдæйы конд!Йæ фыды фæндиагКæм вæййы фырт дæр? —Лæппуйæ рæдиагНæ вæййы æвзæр!Дæ номыл, дæ кадылНæ барын мæхи, —Ныууадз мæ мæ адыл, —Фæндон хорз кæм и?!.Æз топпæй нæ хъазын,Æз барæг нæ дæн;Æхсаргард æсласынМæ бон нæу мæнæн…Фæхудæнт мыл хъалтæ,Ды се 'мбал нæ дæ!Мæ гутон, мæ галтæ —Мæнæн дæр цæттæ!Мæ гутон, мæ галтæ —Мæ фæндыр, мæ зонд;Мæ кадæг, мæ зарæг —Мæ цард хоры конд.Нæ дзыллæйы зæрдæ —Мæ хуымгæнды хай;Нæ бæсты сагъæстæ —Мæ фæззыгон най…Дзаг хорæй мæ хордон,Бæркадджын мæ зæхх,Хæдтулгæ мæ уæрдон,Мæ фæндаг уæрæх…Мæгуырæй мын ма тæрс,Мæ фыды зæронд, —Дæ зæрдæмæ ма хæссМæ зæрдæйы конд!..

Гъæй, джиди!

 Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, —   Бар ма йын радт!..Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды   Иуæй-иу хатт.– Гъæй, джиди, – афтæ фæзæгъы йæхицæн, —   Искуы æздæрАдæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн   Кад æмæ сæр!Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид   Искæй зынад,Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид   Уарзондзинад!..

Азар!

 Æз дæ зарынмæ куы хъусын,Уæд хъæлдзæгдæрæй фæкусын,   О, мæ хуры хай, —   Азар-ма, чызгай!..Мах бар нал æсты нæ сæртæ…Азар, цалынмæ дæ зæрдæ   Не ссау фырмæстæй,   Адæмы мæтæй!..Адæмæн зæхх у сæ дарæг…Азар!.. Ракæ мыл-иу хъарæг, —   «О, мæ бон, – иу зæгъ, —   Байстой нын нæ зæхх!..»Нал дæ бахъæудзæн ныр рувын..Азар!.. Сахуыр мæ кæ кувын!..   Ма фæлидз тæргай,   О, мæхурыхай!..

Фесæф!

Фесæф, фесæф, цард,Сау лæппуимæ,Тагъд дæлдзæх фæуМе 'намондимæ! —Калмау мын мæ риуСудзгæ баууыддтаМаст – зæрдæхалæн,Йæ тых басæтта!Афæлывта мæСауæрфыг рæсугъд…О, мæ худинаг,О, мæгуыр мæ уд!..Дзырд Хуыцауы разРадта иннæмæн, —Къухæй нал ласыНыр йæ къухдарæн…Гъей, чызгай, цæмæнАфæлывтай мæн?!.Цæй, дæ Хуыцау дынУæд тæрхонгæнæг!..Даргъ хæххон зымæг,Уалдзыгон бонау,Ныр æрымысын.Æз, фынфенæгау…Кæд кæрæдзийыФаг нæ рæвдыдтам?Кæд кæрæдзийæнФаг нæ фæдзырдтамУарзон ныхæстæ,Цард æнхъæлæджы?!..Гъей, цы хъал уыддæнУыцы рæстæджы!..Ныр дæу чи хæссы,Уый йæ лæджыхъæдМемæ бавзарæд,Кæд хуыздæр у, уæд!Йе – йæ топпæй хъазт,Йе – йæ бæхыл бадт,Йе – йæ кæсгон кафт,Йе – йæ цæгъдгæ зард!.Дæу сырх дарийæХорз æсфæлыста!Дæу сызгъæрин ронНарæг балвæста!..Риуы 'гънæджытæХъазынц стъалытау…Уæд дæ хæрдгæхыуд,Уæд дæ алы 'гъдау!…Фесæф, фесæф, цард,Сау лæппуимæ,Тагъд дæлдзæх фæуМе 'намондимæ!Калмау мын мæ риуСудзгæ баууылдтаМаст – зæрдæхалæн, —Йæ тых басæтга!

Зонын

Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут,Бавæрдзыстут мын мæмард,«Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут,Ницæмæн уал уыд дæ цард!»Зонын, æргæвддзыстут исты, —Мардыл ма чи дары ком? —Алчи æфсæстæй мæ хистыСсардзæн арахъхъæй мæ ном.Иу бон æгъгъæд у мысынæн,Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,Уый фæстæ ферох уыдзынæн, —Ничи уал зондзæн мæ цырт.