Читать «Ирон фæндыр» онлайн - страница 11

Коста Леванович Хетагуров

Бирæгъ æмæ хърихъупп

Алчи зыдгæнæджыБирæгъ фæхоны.Бирæгъ зыд кæй кæны, —Чидæрид зоны…Раджы та иу бирæгъНард хæдмæл хордта,Афтæмæй адæмæнТугуарæн кодта.Диссаг æвналынмæ, —Цас ын æнтысти!Уалынмæ уæныстæгХурхы нынныхсти.Атылди, адаргъ и,Нал уыд йæ сæрæн…Амонд йæ хъахъхъæнæгАхæм æвзæрæн!Хърихъупп хæстæджытыДонбылтыл зилы…Бирæгъ йæ цыппæртæХърихъупмæ тилы.– Ай та цы диссаг у? —Рагæй æрæгмæНикуы мæм бабæллыдБирæгъ хæстæгмæ…Хърихъупп фæзæрдæлхæд,Абадт йæ цуры:– Цæй-ма, цы мæ кæныс?..Сырд ма кæм дзуры!Иу цæст ма фезмæлыд,Иннæ ныдздзагъыр…Хърихъупп цæстæнгасылРагæй уыд ахуыр, —Бирæгъы хъæлæсыФатау фæцавтаДаргъ бырынкъ, афтæмæйУæныстæг сдавта.Бирæгъ ысулæфыд…Фервæзт нæ рынчын!..Хърихъупп æм бадзырдта:– Цæй-ма, мæ мызд мын!Сырд дын фæхъæрласта:– Гъæ, дзæгъæлхæтæг!Гас мын кæй баззаддæАбон дæхæдæг!Бузныг цæуылнæ дæ,Гайтма мæ дзыхæйДе взæр лæгуын къоппаРайстай дзæбæхæй?!.Барст дын уæд ацы хатт,Ацы тыхтона!Искуы ма фембæлæм, —Додой дæ къона!

Хъазтæ

Дæ фыдæлтæ рухсаг,Дæхæдæг мын бæзз!Ныртæккæ уын диссагÆрхæсдзынæн æз.Фæрссаг лæг, дыгурон,Йæ хъазтæ уæймæФæцæйтардта иу бонÆлдары хъæумæ.Цыма цæ фæдисæйЫскъæры, тындзыÆмæ цæ йæ уисæйÆнæвгъау хынцы.Æрбаййæфта хъазтыУæд иу дардбæстаг.Нæ хъазтæ сæ мастыФæкодтой хъæстаг:– Ныллæу нын тæрхоны,Дæ Хуыцаумæ скæс!..– Мæгуыр лæг цы зоны?– Нæй, нæй дын фæрæз!..Æрлæууыд сæ астæу…Фæрсы цæ: зæгъут!– Хуымæтæджы хъазтауНын ласы нæ уд.Æнтæфæй нæ мары,Уæлдай та нæ над!..Æрдумæ нæ дарыНæ фыдæлты кад.Нæ фыдæлты руаджыНæ бабын ис Ром…– Уый фехъуыстам раджы,Нæу сусæг сæ ном…Уæхуыддæг, уæхуыддæгЦæмæй хорз ыстут?– Фæмæлæм, мæгуыртæг, —Кæм ма ис рæстуд? —Нæ фыдæлтæ чи сты, —Нæ зоныс, сæрæй?– Уæхицæй уæм истыÆппæлинаг нæй?– Нæ фыдæлтæ раджы…– Уый фехъуыстон, гукк!..– Нæ фыдæлты руаджы…– Уæхуыддæг цы стут?Цы равдыстат кадæн,Зæгъут – ма уæддæр? —Мах?.. Ницы!.. – Æрра дæн,Фæрсын уæ æз дæр!Уæ фыдæлты хорз койМыггагмæ цæрæд!Куывдтæ—иу цын кодтой,Сæ бадæн дзæнæт!Ныр рæстæджы хъазæнÆндæр у йæ кад:Йæ бумбули – базæн,Йæ нард фыд – бæркад.Нæ хъазты ныхасæнБæргæ ис кæрон,Фæлæ искæй хъазæнÆгæр хъыг куы уон!..

Саг æмæ уызын

Тар хъæды иу саг, пырхкалгæ йæ уæнтæй,Уынæргъгæ уади, – йегар æй сырдта…Доны былмæ ма ныййирвæзт фыдбонтæй,Ахауди дуртыл… йæ мæлæт зыдта…– Ох-хай, гъе! – радзырдта къутæрæй сагмæУызын, – фæцæф дæ, мæ лымæн, сæрæй?Рагæй æмхиц у нæ уæздан мыггагмæХъримаг, йæ хицау фæкæна дæдæй!..– Ох-хай, гъе! – сæрджын саг уызынмæ дзуры:Мах саг-мыггагæй уæздандæр нæ уыд.Ныр, кæд дæ хуызæттæ махмæ дæр гуыры, —Афонмæ дæр нæ фæцæгъдын куы хъуыд!..