Читать «Ирон фæндыр» онлайн - страница 15

Коста Леванович Хетагуров

Уасæг

О, уасæг, уасæг,Сызгъæрин къоппа!О, уасæг, уасæг,Сырхзæлдаг боцъо!Куыд раджы фестыс,Куыд хъæрæй зарыс?Нæ буц лæппуйыХуыссын нæ уадзыс!

Лæгау

Фест райсомæй, лæгау,Ныхс сапонæй дæхиÆмæ—иу скув: Хуыцау,Фæдзæхсын дыл мæхи!Дзул к'уаид, уæд бæргæ,Дæу дæр дзы хай фæуид!Куы нæ уа, уæд хæргæ!Кæрдзынæй стонг æрвит!Цæттæ дæ хызын дар,Тагъд де скъоламæ уай!Æнæзивæг куы уай, —Хуыздæр бынат дæ бар!Зондамонæгмæ хъус,Цы зæгъа, уый – иу кæн,Зæрдæхъæлдзæгæй кус,Æмæ бæззайлæгæн!..

Дзывылдар

Æнгуырдар – дзывылдар,Кæм хæтыс зымæг?Цы бæстæ, цы хæхтæФæтæхыс уынæг?Кæм рæзынц, кæм цæрынцДæ хотæ, дæ мад?Тæхуды, тæхуды,Кæмæн ис дæ цард!

Зæрватыкк

Зæрватыкк – æнæхъыг,Æнæмаст цæрæг!Дæ зарæг – нæ дарæг,Нæ уалдзæггæнæг!Хъæлдзæгæй, æвзыгъдæйФæхæтай фæрнæйНæ хæхты, нæ бæсты,Æлдар кæмæн нæй!

Цъиу æмæ сывæллæттæ

Сывæллæттæ

Гъа! Ныр ахст дæ, цъиу, фæлæу,Нал аирвæздзынæ,Нал ауадздзыстæм ныр дæу,Махимæ цæрдзынæ!..

Цъиу

Циу, цы, циу? Цы кодтон, ау!Цас тыхджын рæдыд дæн?Ауадзут ма мæ фæлтау,Райхалут мæ бæттæн!

Сывæллæттæ

Нæй, нæй! Ма тæрс, махмæ дыХъаны цард кæндзынæ:Дзул дын тулдзыстæм мыды,Адджын цай цымдзынæ.

Цъиу

Хъаны цард мын уанцон нæу!Æз уæ цай нæ уарзын,Уидзын быдырты мæнæу,Къогъотæ дзы ахсын.

Сывæллæттæ

Уазал у зымæг æддæ,Махау дын хæдзар нæй!Ам дæ къалати цæттæ, —Бафсæддзынæ хъармæй.

Цъиу

Ам зымæг куы вæййы, уæдИу хъарм бæстæ зонын.Къалати сызгъæрин уæд,Ахæстон æй хонын!

Сывæллæттæ

Курæм дæ, æмæ нæм лæу, —Бузныг дæ уыдзыстæм;Мах цард дæр æвзæр цард нæу,Не схъыг дæ кæндзыстæм.

Цъиу

Нæй, мæ хуртæ, нæй гæнæн!Уарзут мæ, уый хатын,Фæлæ тынг зын у мæнæнАхæстоны бадын…

Сывæллæттæ

Ох – хай – гъе! Уæдæ дæ мастМахæн у хъуыдыйаг, —Атæх, цу! Дæ фæндаг раст!Цæр дæхи фæндийаг!..

Уалдзæг

Мит тайы, их сайы,Фæхъулон ис зæхх:Йæ цæгат фæзæйнад,Йæ хуссар фæцъæх.Йæ фæдыл нæ хъæдылФæхæцыд сыфтæр;Нæ хуымтæ кæндтытæ,Нæ ласæн цъыфдæр.Цырд лæппу гæлæбуÆрцахста… Зæгъ ын:Нæ уалдзæг дæ уазæг,Ныууадз æй цæрын!

Сæрд

Хур судзы… УырыдзыХæрынæн бæззы…Чи хъæдæй рæгъæдæйСырх мæнæргъ хæссы,Чи халсарæй кæмттыÆргъæмттæ бæтты…Хуыскъæлæй, æхсæрæйКæм цæуынц рæтты!Цæвæгæй, мæхъитæй,Æхсырфæй цæттæ,Хорз байрай, мæ бæстон,Кæмдæриддæр дæ!

Фæззæг

Æхсæлы ызгъæлы,Лæджирттæг фæбур…Мигъ бады цæгаты, —Нæ йæ тавы хур…Æркарстам, æрластамНæ хортæ, нæ хос…Чи кусы йæ мусы,Чи 'лвыны йæ фос…Хор бирæ, фос бирæХуыцауы фæрцы…Нæ хохбæсты бæркад,Цы диссаг дæ, цы!..

Зымæг

Хъызт зымæг, тыхст зымæг —Нæ катай, нæ мæт!Йæ бонтæ – фыдбонтæ,Йæ бахсæв – мæлæт.Нæ хъæутæ – лæгæттæ,Нæ фезмæлд – зæйуат.Фыдæлтæй нын баззадЗæйы сæфтæн рад.Нæ мæгуыр, нæ сидзæр,Æнæхай куыстæй,Хуыцаумæ дзыназынцÆстонгæй, сыдæй…

Сæрдыгон къæвда

Хъæргæнгæ: «Хæзнатæ нæм хауы уæларвæй!»Сывæллæттæ уайынц къæвдайы фæдыл… —Фæлæуут, мæ хуртæ! гъеуыцы хæзнатæйÆруидздзыстæм мах дæр: нæ къутутæ дзагæйЛæудзысты мæнæуæй, фæлæуут чысыл!

Дыууæ халоны

Халон халонмæ тæхы,Халон халонæн зæгъы:Халон! Цæй – ма, ныр цы хæрæм?Сихорæн амал цы скæнæм?Дзуры йæм фæстæмæ халон:Сихор нын цæттæ у абон, —Терчы былыл нын, хъæугæрон,Ауыгъдæй лæууы мæхъæлон…