Читать «Ирон фæндыр» онлайн - страница 5

Коста Леванович Хетагуров

Чи дæ?

Мыггагæй мæ ма фæрс, —Уæздан лæг нæ дæн;Мæ уындмæ мын ма кæс,Нæ бæззын чызгæн.Мæ хæдон – четæнæй,Мæ куырæт – кæттаг,Мæ цухъхъа – цъæх тынæй —Нæхи хохбæстаг.Нымæтхуд, æрчъитæ,Мæронбаст – уæрдæх…Фæрсыс ма мæ: чи дæ?Уæд байхъус дзæбæх!..Æз райгуырддæн хохы…Нæ хъæдкъул ыскъæт, —Ныр дæр мæ нæу рохы, —Æвгъæддон уыд уæд…Рæстмæйы хъуыддагæнСыгъдæгдæр ран хъуыд,Фæлæ дзы мæ мадæнХуыздæр ран нæ уыд.Æлгъыстæн мын баззад…Тæрсын дзы ныр дæр…Рынчынæн «æгæссадДæ уæд» зæгъ, æндæрЙæ бахъуыд-сахатæнМæгуыры бон циу? —Нæ фæци мæ мадæнНæ файнуст, нæ тиу.Нæ йæм уыд фæкæсæг…Йæ мой йæм кæм бадт! —Æмæ йæ фыдвæззæгФæкодта мæ мад.Мæн иу ус фæхаста…Сывæллонахуыр,Йæ дзидзи нæ ластаМæ дзыхæй, мæгуыр.Куыд фæрæзта, уыйас —Æппæтæй дæр фаг!Фæцарддæн æм иу аз,Фæдæн æм дыггаг.Фæхъомыл дæн афтæ, —Æдæрсгæ цыддæн…Кæм заргæ, кæм кафгæÆмбырдтыл зылддæн…Чысыл ма йæ зонынМæ фыды… Хæмæт, —Йæ номæй йæ хонын, —Кæм кодта мæ мæт!Дыггаг ус æрхаста…Æркодтой мæн дæр…Мæ «чындз» мæ нæ уарзта, —Фыдсыл уыд кæмдæр!Йæ рард дæр ысхуыстæй,Йæ рæвдыд дæр – над,Йæ «цу-ма» рæхуыстæй, —Гъеуый дам дын – мад!Мæ фыд-иу къуыригайДзæбидырдзуан цыд,Йæ ус та æригайХæдзар-хæдзар зылд.Цуанон лæг мæрдтæмХæстæгдæр цæры,Йæ мард та уæлмæрдтæмНæ хæддзæкæны!..Фæдзурынц æй алхатт, —Мæ фыдæй хуыздæрЛæг цуаны нæ ахатт.Ныххæррæгъ кæмдæр!Ус хистытæ кодта,Фæуæйкодта зæхх,Цы ардта, уый хордтаÆввонгæй, дзæбæх.Ныр дæр ма æрра дæн,Сывæллонау, сонт, —Уæд та?… Цæй, йæ мадæнЧи амоны зонд?Хæрз дзæгъæл кæй зайын,Уый базыдтон… Ку!Кæуынæй кæй сайын? —Дæсаздзыд лæг у!Ус афæдзы бонмæЙæхиуыл хæцыд, —Уæлладжыры коммæЧындзы та фæцыд.Мæн къæйыл ныууагъта…Йе амæл, йе рæз, —Æвæдздзæгæн загъта:Куыст – цардæн фæрæз!Цы куыстæн бæззыддæнДзæбæхдæр мыздыл? —Уæлыгæс фæцыддæнГуыбыныхæрдыл.Мæ фысымтæ радæй,Мæ хуыссæн – лыстæн,Уæддæр-иу «дæ-да-дæй»Куы ныззарыддæн!Уæлыгæс – бынхорæйФыййау дæр ысдæн, —Дæс мæрты мын хорæйЛæвæрдтой мыздæн.Фыййауæн – уæлæфтау,Хæлынхуд, хызын,Йæ къæбæр – æнæвгъау, —Йæ куыст нæу уæд зын.Æлгъыстæй, уæд надæйЦы нæ бавзæрстон!Уæддæр-иу «дæ-да-дæй»Куы ныццæлхъластон!Æхсæрдæсæмаздзыд —Лæджы бындзæфхад, —Æгæр дæр фæхъазыд,Æгæр дæр фæбадт!Иæхицæн ныссадзыЫсхъæлфындз цæвæг,Уыгæрдæнтæ дасы, —Иæ риуыгъд – бæрæг!Цы цæнгтæ мыл разад,Цы хосдзау уыддæн!Фæлæ ма кæм баззадУыгæрдæн мæнæн! —Гæппæл дæр мын нал уыд.Цы фæци мæ зæхх? —Хæрнæгæн дам бахъуыд.Цу, исты цын зæгъ!Ыссæдз азмæ азгайÆххуырсты цыддæн…Цы нæ кодтон радгай,Цы нæ-иу уыддæн?Мæ архайд, мæ тыхмæЛæг кодта хæлæг;Æккойæ мæ ныхмæКæм лæууыд хæрæг!Мæхи та дын стауын, —Нæ дын зыдтон, цы.Тын уæрдын, тын уафын,Хæрдгæйæ – дæсны;Æрцындзæй, хæсгардæй —Хæрзарæхст, чызгау…Гъеуæддæр «дæ-да-дæй»Чи зарыд мæнау?Йæ бонæй уа зæрдæ! —Куыд хивæнд у, куы!Зæгъ-ма йын: æвзæр дæ, —Уырны йæ бæгуы!Бон хурмæ нывæндыРæсугъд хуры тын,Æхсæв æй æрфæндыМæимæ хæтын.Кæцæй йæм фæсидыСæрибары дуг?Цæмæн дзы æхсидыЦæдæджинагау туг?Йæ бонæй уа, уастæн,Дæргъæрфыг рæсугъд!Кæм лæууы йæ хъазтæнЛæппуйы тæппуд!Куыд уыди йæ фыддзаг?Куыд разылд мæ сæр?Куыд уыдзæн йæ фæстаг?Нæ зонын ныр дæр…Йæ уындæй куы райдиМæ зæрдæ, куы та,Цыма йæ фæсайди, —Йе сæфт дзы уыдта…Куыддæр-иу ныхъхъус дæн,Фæлыгътæн-иу дард…Аргъ нал уыд мæ куыстæн,Ысуæлдай мæ цард…Быцæугонд хъæуимæ…Æмгартæй тæрсын…Гъей, зæрдæ, дæуимæКæй бон у хæцын?!.Цæмæн-иу мæм кастиМæ сæфтхуры хай?Цæмæн-иу фæраст иМæ рæзты чызгай?Цæмæн-иу мæм бахудтХъуызгæ-мидбылты?Цæмæн мæ хъуыд агъуд, —Ливорджын дæн цы?Ныббар мын, кæд дардæйМæ ныхас хæссын, —Мæстджынæй, æнкъардæйМæ сæнттæ мысын…Нæ зымæг ингæн у, —Иæ зæйтæ – нæ мæт;Нæ фæззæг куыстæн у,Нæ уалдзæг – дзæнæт.Хур арæхдæр тавы,Ысулæфы зæхх,Сæгъ хъæмпæй нæ давы, —Нæ хуссæрттæ – цъæх.Фæмил вæййынц хæхтæ,Фæбур вæййы дон,Æртæхынц нæм мæргътæ,Фæтынг вæййы бон.Фæзыны гæлæбу…Зынг фесты зæрдæ…Гъе, мардзæ, нæ лæппу! —Цы фæдæ, кæм дæ?!.Дæ хъару нын равдис! —Куыддæрфæнды уæд, —Ирæдисæн бар ис:Йе – фыр, йе – рæуæд.Мæ ирæд цæттæ у…Æххуырсты мыздæйÆрымбырд… Цы хъæуы, —Æппæт дæр хыгъдæй.Мæ фосæн цын дардтонМæхи армæй цæхх,Сæ мадæн цын ссардтонДыууæ галæй бæх.Æнæуый, цы зæгъай, —Æппæтæй рæвдыд…Мæ сагъæс, мæ катай —Чызгайæн йæ фыд.Мæгуыр лæгмæ – схъæлдзырд,Æнæбарвæссон;Хъæубæсты – хъæды сырд,Хæдзары – Сырдон.Дзырды бар кæй уадзы,Кæй фæрсы фæндæй?Чызг тайы, дзыназы,Мад судзы мæстæй…Æмвæнд ыстæм рагæй…Мад циу? Мад нæ фарсХæцдзæнис дæндагæй…Фыд… Фыд у цъæх арс!Фæкодтон нывæндтæ, —Мæ куывд мын ХуыцауНæ исы… Мæ зæрдæЫсдзæгъæл, ыссау…Кæй барвитон курæг?Кæй та равдæла?Цæй мæгуыр дæ, иунæг.Дæ мад амæла!Кæй барвитон курæг?Æфсæрмлæг кæм и?Мæ лæгтæм лæбурæгКуы скæна йæхи?Мæхæдæг фæцæуон, —Уæд ноджы фыддæр, —Куы нæ йæм фæлæууон,Куы сдзурон æз дæр!..Кæй та цын æй курынцУый ацы сахатСæхуыддæг дæр дзурынц.Нæ йæ дæтты мад.Иæ чызг дæр кæм комы?!.Фæкъæйных цæм и, —Йæ дзыггутæ тоны,Æргæвды йæхи…Æрвиты мæм ал-хатт:«Цы фæдæ, кæм дæ?Мæлынмæ мæ ма радт,Фæзын, кæд лæг дæ!»Гъеуый дын мæ митæ, —Куыдфæнды цæ дом!Фæрсыс ма мæ: чи дæ? —Уæд иунæг – мæ ном!