Читать «Ирон фæндыр» онлайн - страница 7

Коста Леванович Хетагуров

Всати

Бирæйы фæфæндыРайсомæй хуыссын…Хур æркаст… нывæндыХохæй хохмæ тын…Комæй коммæ хъазгæ,Царды хос хæссы…Цард тындзы йæ размæ…Всати ма хуыссы…Всатийæ зæронддæрДауджытæм кæм и? —Хæхтæй дæр бæрзонддæрЧиу, уый йæ фæци.Мит лæджы цæст сайы, —Схиз æм, уæд – ныхас! —Раст йæ астæу зайыСтыр нæзыбæлас;Дон кæлы йæ рæзтыУрс æхсæрдзæнтæй;Цъититæ йæ фæрстыБадынц их-зæйтæй.Фалæрдæм лæбырынцСау дуры цæндтæ;Тар хъæдæй нæ зынынцАрф, уынгæг кæмттæ…Урсурсид дзæгъгъатæйБандæттæ, тæрхæг;Саджы урс сыкъатæйВсатийæн – сынтæг…Арсы хъуын – йæ лыстæн,Тинтычъи – йæ баз…Цæй, хуыссæд! – йæ куыстæнСæфынæй нæу тас…Авд лæппуйы зилынцВсатийы алфарс,Залмы сыфтæ тилынц, —Бындз нæ уадзынц 'ввахс.Иннæ авд æддæдæрАходæн фыцынц…Физонæг фæхъæбæр,Фæхсынтæ нæрсынц…– Оф, оф! – загъта Всати, —Арв кæмдæр нæры…Рахъил, дурыл сбадти…Аходæнхæры…Комæй, чидæр зары…Всати 'хсыны агъд…– Чи та нæ хъыгдары?Акæсут-ма тагъд!Дарддзæст лæппу арастАйнæджы былмæ,Къухаууонæй акастСау комы бынмæ…– Федтон, – загъта, – диссаг:КомынарæджыКурынц иу мæллæг сагФараст барæджы!..Топп – йерæдзыпп, хъримаг,Бæх – саулох бæхтæ…Исты цын хæринагК'уаид уал цæттæ!.. —– Гъе, 'рра! – Всати загъта, —Ахæмты тыххæйУастырджи фæдавтаФос нæ мæгуыртæй;Ауадз цæ йæхимæ! —Уый та цæ хынцдзæн,Давæггаг фыдимæКарз арахъхъ дæддзæн!..Бирæ нал уыд хурæй…Зарынц та кæмдæр…Дарддзæст лæппу дурæйАкаст та ныр дæр…Авд цуаноны бадынцАйнæджы ныхыл,Тынг хъазуатæй зарынц,Нал хæцынц зæххыл…– О, уæрæйдæ, Всати!Ракæс, рафæлгæс,Бæрзондæй ныллæгмæХорз нæ бафæдзæхс!Мах – дæуазæг, Всати,Ды – нæ фæдзæхсæг!Бæрзондæй ныллæгмæРакæс, рафæлгæс!..Дзабыр нæй, – æрчъитæ!Топп рæхсæнтæй баст,Пакахуд нысчъилтæ,Сæр æхсырфæй даст…– Гъе, ныр, гъе, нæхион, —Разын ныр рæдау!Аскъæр цыл нæ сион,Хорз цæ фен, лæгау.

Уæлмæрдты

Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты…Фезмæлæн нал уыди абон нæ уæлмæрдты   Стырæй, чысылæй, —Уыйбæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ,Уыйбæрц æркæсгæ нæма федтон иу зианмæ   Хохæй, быдырæй…Иунæг лæппу йын уыд сау куырм зæронд фыдæн,Дарын æй байдыдта… Абон йæ сау сынтæн   Бахъуыд йæ сагой!Кусынмæ диссаг, æфсымæр æмгаримæ,Уарзон хъæубæсты… Нæ хохæй Уæлладжырмæ   Айхъуыст йæ хорз кой.Адджын хæринагæй йе стонг нæ басаста,Усгур лæппуйау дзæбæхæн нæ раласта   Цухъхъа йæ рагъæй…Хъал митæ кæнын лæппуйы та ценнæ уыд? —Абоны онг нæм йæ къахыл нæ фендæуыд   Дзабыр сæракæй…Абон æм бакæс, – йæхи дын куыд сарæзта! —Нарæг йæ астæу, чындздзон чызгау, балвæста,   Алцæмæй ифтонг:Алы рæсугъд дзаума, алы хæрдгæбæстæ…Исчи йæ федта цы искуы хæцæнгæрзтæ   Даргæ ныры онг?Раст цыма схъомыл и топпимæ, кардимæ!..Науæд уæлбæхæй йæ исчи æмгаримæ   Федта цы балцы? —Байраг сæ хæдзары никуы уыд, афтæмæйАбадт æввонгæй, рæсугъд ифтонг алцæмæй,   Урс бæх йæ разы!..Сагъæс фæсабыр… Фæхъус æсты устытæ…Мардмæ æрбахæстæг иу лæг… Йæ цæстытæ   Нал зынынц чъиуæй.Цæсгом нымпылдтытæ, зачъетæ урс-урсид,Гасæй йæ уæлæ хæлынхуд, кæрцы къæрит…   Дис кæнын: чи у ай?Чъизи дæрзæг къухæй цæстысыг асхъаудта,Стæй дзы йæ зачъетæ тонæгау адаудта…   Бахæстæг бæхмæ.Радтой йæм идон… Сæ уæлхъус æгуыппæгæйАдæм ныккастæсты иуыл æмхуызонæй   Уайтагъддæр зæхмæ…Алæууыд иу дзæвгар лæг дæр зæхмæ кæсгæ,Уыйфæстæ – гъай-дагъа! – райста, дзырдарæхсгæ   Диссæгтæ дзурын.Чи ма цæ зоны? Кæд дæм цæ нæ ныффыссон,Ма мæ рахъаст кæ, мæ хæлар, мæ иубæстон, —   Дардмæ дæ курын!– Рухсаг у, загъта, цæуыс нæ æххæст лæгæй,Арæзт æппæтæй… Фæцух дæ æрмæст бæхæй,   Хорз бæх нæ арынц.Терк-Турчы рæгъаумæ абон фæцыдысты,Зæххæн йæ кæрæтты дардыл æрзылдысты,   Алы ран сгарынц:Рахиз фæрсты дзы фæлгæсгæ йæ быдыртæм,Галиу фæрсты та дзы хъахъæнгæ донбылтæм,   Никуы 'мæ ницы!Нæй дзы дæ аггаг бæх!.. Уалæ уæларв зæххы,Иу бур айнæджы бын хизынц æртæ бæхы, —   Табу йæхицæн! —Уастырджийы æртæ сызгъæрин æфсургъы.Ардыггаг ласай, – йæ зæвæтæй риуыгъы;   Фалладжы ласай, —Стонг бирæгъау дæм лæбурдзæн йæ дæндагæй;Астæуыггаг æфсургъ лидзаг у фæндагæй, —   Хорæй йæ расай!Арвы Куырдалæгонмæ-иу æй схæццæ кæ!Болат æндонæй дын скæндзæн йæ цæфхæдтæ,   Болат зæгæлтæФидар йæ сæфтджыты стæгмæ куы ныссадза,Нагъæй æфтаугæ хæрхидон куы сараза, —   Гъе, уæд цæттæ дæ!Де фсургъыл дын идон афтаудзæн мæйы фырт,Стæй йыл сызгъæрин саргъ авæрдзæн хуры фырт   Ехс дæр дын ратдзæн.Сбад-иу дæ бæхыл! Уырдыджы æнæ цудгæ,Сиргæ тæссæртты, хæрды дын æвæлмæцгæ   Бирæ фæуайдзæн.Бафтдзынæ иу ран æртæ фæндаджы ныхмæ…Ма бабæлл дæллагмæ, канд дæр йæ уæрæхмæ, —   Туджджынты фæд у!Ма бабæлл уæллагмæ, – тугисджытæм хæссы!Астæуыггагæй дæ бæх дæр куыд нæ тæрсы,   Афтæ дæу кæд у?Райс æй дæ фæндагæн!.. Иу йæхсы февзидтмæБахæццæ уыдзынæ иу æрдуйы хидмæ,   Маргъ ыл нæ тæхы!Армытъæпæнæй чъылбыс-иу куыд фелвæса,Де фсургъы агъдæй та чъепси куыд фесхъиуа,   Афтæ цæв бæхы!Мæрдты дуармæ дæ дæ цæстфæныкъулынмæБаскъæфдзæн де фсургъ раст хураныгуылынмæ…   Бакæс-иу 'гъдаумæ!Дуар дын нæ кæндзысты, «аныгуылд хур», зæгъгæ,Ам куыд уыд, уым дæр дæ кувæг – дæхи зæрдæ, —   Скув-иу Хуыцаумæ!«О, Хуыцауты Хуыцау! Ме сфæлдисæг Хуыцау!Рауадз, дæ хорзæхæй, хур фæныгуылынау,   Хæхтыл дыдзы хур!»Хæхты дыдзы хур дæм уайтагъддæр ракæсдзæн…Мæрдты 'фсæн дуæрттæ дын иу уæйыг бакæндзæн…   Фыд, хорз æм ма сдзур!Уырдыгæй фалæмæ зоны дæ фæндæгтæХуры фырт. Уый дын ныр дзурдзæн сæ диссæгтæ,   Сеппæт, куыд æсты…Къæсæры мидæгæй, – уырдæм ныр бахызтæ, —Иу гадза бастæй. Йæ хуылфæй йæ къæбыстæ   Бæхмæ рæйдзысты…– Ай та цы диссаг у? – Дис дæр куыд нæ кæнай?Афтæ цæмæн у? – фæрсдзынæ. – Цæмæн зæгъай?   Де мбал дын сиддзæн:– Ай-иу йæ карзæй, йæ налат хуыснæгдзауæйСæфтмæ æртардта хъæу… Гъе, ныр мæрдты ’гъдауæй   Йæ хæстæ фиддзæн.Ацу-иу уырдыгæй!.. Хъуысдзæн дæм алывыд…Лæг æмæ ус хуыссынц… Галдзарм сæ быны тыд,   Галдзарм сæ уæлæ.Тонынц сæ иуырдæм, тонынц сæ иннæрдæм, —Не ххæсынц лæгыл дæр, усыл дæр ничердæм.   Диссаг та уæлæ!Дис дæр куыд нæ кæнай! – Ай та цæмæн афтæ?Ай та цæмæн зæгъай? Адон сæдæ азтæ   Иумæ фæтыдтой, —Гъемæ куыдфæстæмæ ал-райсом, алызæрТынгдæрæй тынгдæр-иу кодта сæ загъды хъæр, —   Фидыд нæ зыдтой;Иргъæвынмæ цæм цыдысты æндæр сыхæй…Гъе ныр мæрдты 'гъдауæй фидынц сæ хæсы хай!..   Ацу та фалдæр!Иу ранæй та дæм æрыхъуысдзæн сусæг дзырд:Лæг æмæ усæн тæрхъусдзарм сæ быны тыд, —   Галдзармæй фагдæр!Иннæ тæрхъусдзарм сæ уæлæ æрдыдæгътæ…Диссаг! – зæгъдзынæ та, – ай та цæмæн афтæ? —   Ай та, куы зæгъай, —– Адон цæргæ-цæрын уарзтой кæрæдзийы,Ам æй æххæст кæнынц; ам дæр зæрдæмийæ   Не сты æнæ хай!Ацу-иу уырдыгæй! Ус лæудзæн хибарæй, —Калмы цъарæй йыл хъуырбæттæн, хæфсы цъарæй   Усыл сæрбæттæн…– Ай та цæмæн афтæ? – Ай та, куы бафæрсай, —Барæсчъи даргæйæ сусæгæй бонæн сайд   Кодта йæ мæрдтæн! —Ам цын æй фиды ныр… Ацу та! Иу ранæйЗгъæлдзæн хуыр: къæдзæхы скъуыдтæ дзы теманæй   Иу ус æмпъузы.Ай та цæмæн афтæ? – Ай та кæйдæр лæгæнДзаума лыстæг хуыдта, ставд та – йæхи лæгæн   Гъеныр ам кусы!..Ацу-иу уырдыгæй! Иу усы риуыл таЗилынц хæд-зилгæйæ стыр куыройы фыдтæ;   Хохы дзæгъгъатæБонæй, æхсæвæй, æнæ раивадæгæй,Ссынц æмæ се 'ссад нæ кæлы фæлгæтæгæй…   Цавæр у ай та?– Ай та куыройгæсæй адæмы къæссатæйИста æгæр бирæ, давта цын се ссадæй…   Давын зын у, цы?!.Ацу-иу уырдыгæй!.. Байхъус æхсæрдзæнмæ:Урс æхсыр къуыстилтæй хохы йас цæхкæрмæ   Иу ус фæрсудзы.Гас къæртайы дзаг ыл карз ахсæн аскъæры, —Карчы нæмыджы йас цыхт ын дзы равзæры, —   Ай дæр та диссаг!Ай та уæлæуыл æлгъин уыд йæ хъæздыгæй,«Нæи, нæй»-иу кодта, нæ иста йæ хæндыгæй   Уазæгæн урссаг.Ацу-иу уырдыгæй! Иу ус дæ хæдразыИу чысыл къоппæй мæцъисæй нæ фæразы   Гуымбыл фæлдахын…– Ай та цæмæн афтæ? – Ай та йæ уæлæуыл«Ис мæм»-иу кодта, нæ уагъта æндæр хъæуыл   Уазæг æздахын.Ацу-иу уырдыгæй ноджы хуыздæр бæстæм!..Иу лæг йæ усимæ иумæ фæрсæй-фæрстæм   Бадынц æргомæй;Стыр фынг сæ разы æртасыд йæ фырдзагæйАлы нуазинагæй, алы хæринагæй,   Басæй, цæхдонæй, —Иуыл куыд æмбæлы, – нуры, цывзыхъæстæ…Цас дæр дзы хъауынц, – сæ фынг та хæрды фæстæ   Свæййы уæззаудæр.– Ай та цы диссаг у? – Адон сæ цæрынылЦас мæгуырдæр кодтой, уыйас сæ кæрдзыныл   Кодтой рæдаудæр.Ацу-иу уырдыгæй! Арф къæдзæхбын мæсчъыИу лæг хуыртæ хæссы хæлд æнæбын тæсчъы,   – Ай та цы кодта?Ай та сыхагимæ кайаг уыд арæнæй,Иумæййаг зæхх-иу æрбарста мæнг барæнæй,   Ард-иу ыл хордта.Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу рæсугъд уæзæгылИу лæджы рихитæ астæумæ кæрдæгыл   Стонг гал æууилы…– Ай та цы диссаг у? – гал ма нæ фæхизыАхæм цъæх кæрдæгыл?!. – Ай та йæ цæдисы   Срæстмæйыл зилы:Ай-иу йæхи галæн 'взаргæ хос ракалдта,Цæдисонæн та-иу хъæмпы мур адардта, —   Ай дын йæ хабар!Ацу-иу уырдыгæй!.. Фурдæн æй астæу хуыскъ,Карды комæй йæм хид; халоны айчы хъуызг —   Лæгæн йæ хæдзар;Судзины бын та дуар 'гасæй йæ хæдзармæ…– Ай та цы диссаг у? – Ай та йæ адзалмæ   Царди æмбæхстæй;Уазæг нæ уагъта йæхимæ цæрæнбонты,Сау зæрдæ дардта, фæсырдта йæ бинонты,   Амард æлгъыстæй…Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу лæг фæдисаг у:Ихы ныссалди йæ хъуырмæ!.. Цы диссаг у,   Цуавæр у ай та?– Ай та æмгары хæдзармæ хъуызаг уыдиАлы æнафоны… Гъе 'мæ фæрæдыди…   Ай дын йæ пайда!Ацу-иу уырдыгæй! Иу ихын мæсыджыИхын къæлæтджынты бадынц æртæ лæджы,   Их фынг сæ разы;Ихæй сæ лæдзджытæ, галиу сæ ныхæстæ,Их сæрдасæн цын сæ галиу сæрыфæхстæ   Роцъотæм дасы.Ай та цы диссаг у? – Адæм сæ тæрхоныХорзæн-иу равзæрстой алы хатт адоны,   Бар цæм-иу радтой.Адон-иу фарсласæн сабийæ таубимæКодтой сæ мæнг ардæй, растæн хæрамимæ   Иу барæн дардтой.Ацу-иу уырдыгæй!.. Иу рæсугъд уæзæгылУрс æвзист галуаны, урс æвзист тæрхæгыл   Баддзысты базтылИннæ æртæ лæджы… Де 'мбал цæ хорз зоны:Адон куыд фæрæзтой, афтæ сæ тæрхоны   Архайдтой растыл!..Бирæ дæ нал хъæуы уырдыгæй дзæнæтмæ;Бæхмæ куы февзидай, – иу цæсты тъæбæртмæ   Фестдзæн йæ разы.Бæхæй æрхиздзынæ… Бирæ сывæллæттæАлгъуызон дзауматы, алы азыккæттæ   Цъæх нæууыл хъазы…Чи дæ йæ мад хоны, чи дæ йæ фыд хоны,Чи дзы бæгъæввад у, чи та дзы ронбæгъд у,   Чи та æнæ худ.Худтæ сæ рæтты тъыст, рæттæ сæ хъуырты 'фтыд,Дзабыртæ – фæдджиты, фæдджитæ сæртыл тыд.   Ма цыл-иу бахуд!Алкæй дæр барæвдау! Алкæй йæ дзауматыСараз, куыд æмбæлы! Семæ-иу дзæнæты   Дуаргæрон балæу!Мидæмæ хизын дæ истуг нæ уадздзысты,Сывæллæттæ та цын хизын нæ комдзысты   Уырдæм æнæ дæу!Фегом уыдзысты уæд авд сызгъæрин дуары!..Мæрдты Барастыр дæм ницы рæдыд ары   Мæрдты хъуыддагæй…Рухсаг у, рухсаг! Иæ рахиз фарсырдыгæйНæууыл дæ бадæн!.. Ныр ацыддæ ардыгæй,   Нал дæ ныр махæй!Адæм дын абон цы хорз æгъдæуттæ радтой,Ацы дзыллæ дыл цы цæстысыг фæкалдтой,   Уый дын æххуысаг!Мады хъæбысау дын адджын уæд ацы зæхх,Уды хæларæй фæлдыст дын уæд ацы бæх.   Рухсаг у, рухсаг!..Дзырд фæци зæронд лæг, айста къух идонæй…«Рухсаг у, рухсаг!» – йæ фæдыл æмхуызонæй   Дзыллæтæ загътой…Адæм æрбадтысты мæгуыры хæрнæгыл,Устытæ ма уæддæр судзаджы уæлмæрдыл   Хъарджытæ уагътой…