Читать «Ирон фæндыр» онлайн - страница 3

Коста Леванович Хетагуров

Фæндараст!.. Фервæзтæ нæ мæтæй —Хуыцауы мацæмæй уал дом! —Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй,Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном.Лæппуйæ базæрондмæ царддæМæстджынæй адæмы мæстæй;Æхсæв цырагъдарæй фæхаттæХæларæй, уарзонæй, рæстæй…Дæ мадау бауарзтай нæ бæстæ,Фæцыддæ мæгуыртæн фыййау…Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ,Цæмæй дын раддзыстæм æгъдау?!.Фыдæй фыртмæ нæ уд, нæ зæрдæДæ рухсæн хъардзыстæм, бæргæ,Фæлæ та сагъæссаг нæ сæртæ,Дæ фæстæ чи баззад кæугæ!..

Ракæс!

Дзæгъæл мæ ныууагъта мæ фыд,Нæ зонын мæ мады рæвдыд,Нæ бæстæй фæхицæн дæн сонтæй.Кæмдæрты æнæсæронæй,Æдыхæй, æцæгæлонæй,Мæ уалдзæг æрвыстон фыдбонтæй…Фæхæссон-ма, загътон, уæддæрФæстæмæ мæ иунæджы сæрМæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…Мæ цæстысыг донау мызти,Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, —Куы скастæн нæ цъитиджын хæхтæм.Æрцыддæн… Мæхицæй фыддæрМæгуырæй куы ссардтон дæу дæр,Мæ уарзон, мæ иубæстон адæм!..Нæ хæхтæй, нæ тыгъд быдыртæйÆмхуызон нæ иуæн дæр нæй, —Кæм кусæм, кæм цæуæм, кæм бадæм!..Лæджы хуызæн лæг нæм – ыстæм,Бæрæг дæр нæ нал ис, цы стæм,Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг? —Кæдæмдæр ма хилæм куырмæй…Гъе, Уастырджи, ракæс, цæмæйНæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..

Æнæ хай

Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй   Фæластон мæ сау зæрдæ дард…Цы ма мын кæндзынæ? – Дæ цæстытысыгæй   Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ   Æхсныфæй нуазынц мæ туг…Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,   Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,   Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,   Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх?Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй   Фæластон мæ сау зæрдæ дард…Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй   Æнæхай фæкодтонмæ мард!..

Æнæ фыййау

Хорз фыййау пыхсы дæр ары йæ фосы фæд,   Рындзыл нæ кæны фынæй…Фесæфай, фесæфай, уастæн, нæ фæсивæд, —   Иу бахъаггæнæг дæ нæй!Тар хъæдмæ бацыддæ, пыхсы ныдздзæгъæл дæ, —   Стонг фосæй сонтдæр, зыддæр, —Иугæйттæй агурыс фароны хæтæлтæ,   Стонг фосау сæфыс ды дæр!..Гъæй, джиди! Искуы дæ фыййау куы разарид   Иу сау къæдзæхы сæрæй!Хорз фосы дзугау дæ иумæ куы равзарид   Исчи йæ фарны хъæрæй!..

Салдат

Удæнцой ма фена, махæн нæ цардывæнд   Чи халы барынвæндæй!..О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, —   Цухъхъатæ дарæн мын нæй!..Морæ фæсбынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ   Нал ысрухскодтай, мæ мад! —Исчи дæ фыртæн куы асæтта йе фсæртæ,   Додой, куы райса йæ над!«Стонгæй мæлын, гыцци!» – никæмæ бадзурдзæн, —   Буц хæринагæн ын – кас…Талынг къазармайы къуымы-иу батулдзæн,   Сау хъæмп – йæ гобан, йæ баз…Иртæст йæ дзыллæйæ, уайтагъддæр базондзæн   Фидиссаг цардæн йæ ад;Усгур лæппуйау дæ ницæуыл бадомдзæн, —   Хорз уа, æвзæр уа – салдат!Исчи куы ныммара искуы дæ дарæджы, —   Чи ма йын райсдзæн йæ туг?Ракæн-иу, ракæ йæ сагъæс дæ хъарæджы,   Аргæвд-иу хистæн нæ хъуг!..О, мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон,   Ма ку!.. Фæуыром дæхи!..Фенæм уал… Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, —   Чи мæ цы айса – йæхи!..

Додой

Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, —Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц,Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц…Иугай ныййыстæм, ныууагътам нæ бæстæ,Фос дæр ма афтæ ныппырхкæны сырд, —Фезмæл-ма, фезмæл, нæ фыййау, нæ фæстæ,Иумæ нæ рамбырдкæн, арфæйы дзырд!..Оххай-гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры, —Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм…Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, —Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!