Читать «Ирон фæндыр» онлайн - страница 4

Коста Леванович Хетагуров

Катай

Мæ хæлар, мæ уарзон, æнæзонгæ уарзон!Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ?..Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон,Мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх?Мæ райгуырæн бæстæ! Дæ айнæг къæдзæхæй,Дæ фидар, фæлтæрд риуæй хъусын хъæрзын…Мæ хæлар, мæ уарзон! Дæлзæххæй, уæлзæххæй,Кæмдæриддæр дæ, – тагъд мæ хъæрмæ фæзын!..Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, – куы бамбæхсай барæй,Уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!..Мæ мæгуыр Ирыстон! Æрцæуæг æлдарæй,Тыхгæнæг хæддзуйæ дæ ма уæд, ма, мæт?Тыхгæнæг хæддзумæ кæд искуы фæндонæй,Æууæнккагæй радтай, рæстæнхъæл, дæ бар?..Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй,Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..

Сидзæргæс

Халон баргъæвст сындзыл.Уад тымыгъ хæссы…Сау айнæджы рындзылНарыхъæу хуыссы…Даргъ æхсæв фыдбонæйЦардудæн хуыздæр…Рухс цæуы кæронæй, —Бадынц ма кæмдæр…Иу зæронд ыскъæты, —'Гас хъæуы уæлдай,Аззади фæсфæдыАцы бæстыхай, —Ма дис кæ йæ бадтыл! —Цуайнаджы уæлхъусАрхайы йæ артылИу саударæг ус.Артдзæсты кæрæтты,Фæныкмæ æнгомБадынц сывæллæттæ, —Чи бæгънæг, чи гом…Уазал æмæ стонгæйБирæгъ дæр тæрсы, —Удхæссæг æввонгæйАхæмты хæссы…– Ма кæут, мæ хуртæ, —Дзуры цæм сæ мад, —Афыцой хъæдуртæ…Абадут æнцад!..Митæйдзаг æхсæлыМары фæздæгæй…Цæстысыг ызгъæлыАгмæ сусæгæй…Хъуырмæ схæддзæ хъарæг:«Дудгæ фæбадаЗæйы бын нæ дарæг,Мах чи фæсайдта!..Фондзæй уæ ныууагътаИу ныййарæгæн, —Мады зæрдæ скъахта, —Царæфтыд фæдæн!..Зондæй мыл фæтых дæ,О, мæ лæджы хай, —Сидзæртæй фæлыгътæИнгæнмæ тæргай!..Буц хъæбул дæм дзуры, —Сфæлмæцыд йæ мад, —Махæн дæр дæ цурыСцæттæ кæ бынат!»Цæстысыг ызгъæлыАгмæ сусæгæй…Митæйдзаг æхсæлыМары фæздæгæй…Бафæллад кæуынæйБинонты кæстæр, —Къонайыл æрфынæйАдæмы хуыздæр!Иууылдæр дæ адылТулдзысты, фæлæу! —Стонг æмæ фæлладылТых хуыссæг кæм нæу!..– О. гытци кæд уыдзæн?Райс-ма, цæй, дæ аг!..– Абадут!.. ФæуыдзæнАлкæй дæр йæ фаг…Аг кæлы йæ былтæй, —«Хъæдуртæ» фыцынц…Алы ран тымбылтæйСидзæртæ хуыссынц…Стонг æмæ кæуынæйЛæг куы сфæлмæцы,Тарф у уæд йæ фынæй, —Маст æм нал хъуысы.Лыстæнмæ цæ хастаМад йæ хъæбулты,Æдæрсгæ цæ нуæрстаАлы бызгъуырты…Скодта цæ рæбынæй,Дæлфæдтæм æрбадт…Гъай-да-гъа! КæуынæйНал æфсæст сæ мад!..Сидзæртæн хъæдуртæСе 'хсæвæр хуыдта,Афтæмæй цын дуртæЦуайнаджы фыхта:Афыцын æфсоныБайрох уа сæ хæрд…Стонг æмгъуыд нæ зоны,Иу сайд ын æгъгъæд!..

Хъуыбады

Сæрдæй, зымæгæй,Гуыбыр, тызмæгæй,Йæ кæрцы мидæг,Ныхасы бадыЗæронд Хъуыбады,Нæ фæндырдзæгъдæг…Кæйдæр дзæгъæлзад,Лæппуйæ баззадЙæ сау бындурыл…Кæдæм-иу бафтыд,Уым-иу фæкафыдКæрдзыны мурыл…Бæгънæг, бæгъæввад,Ыстонг, уысмæн надХуыцауы рæстæй!Цъыфæй ныррæсыд, —Хæфсытæ уасыдЙæ къахы скъуыдтæй…Бын бауай, иунæг,Дзыллæтæй иу лæгКæй нæ рæвдыдта!Фæсмон фæкæна,Мæрдты дзыназа,Дæу чи ныййардта!..Дæу урс æхсырæй,Дæу худгæ-хурæйЧи нæ бафсæста!Дæу цардуалдзæджыЙæ хъарм хъæбысыЧинæ ауызта!Фыййау куы уыди,Уæд-иу хуыссыдиТæдзгæ-ыскъæты;Мит-иу куы уарыд,Уæд-иу ныззарыдКъæдзæхлæгæты…Уæд фос куыд уарзта? —Фæсал цын ластаИæ салд æрчъийæ!..Йæ зард нæ уагъта, —Фæндыр ыскъахтаБæрзбызычъийæ…Бæрзонд урс хæхтæ,Æнкъард къæдзæхтæ,Æгомыг бæласФыййауы уарзынцÆмæ йын зарынцСæ сусæг ныхас.Цæргæсы бæллын,Уæларвы нæрын,Дымгæйы хъарæг,Цæф сæгуыты маст,Æхсæрдзæны хъазт —Фыййауы зарæг…Фæскъæвда хур бонУымæл ривæддон,Рæсугъд хизæнтæ,Æфсæст фосы дзуг,Сæрибары дуг —Фыййауы сæнттæ.Фæлæ нæ амондÆнæ сæрнывондНæ хæссы бирæ! —Æнæ аххосæйФыййауы фосæйНæ хæссы бирæгъ!Æмбаргæ фыййауИæ фосы рæгъауНымадæй дары,Фæлæ ХъуыбадыЙæ фоснымадыФынддæс нæ ары…Кæм цæ агура?Кæмæй цæ кура? —Хъæр цæ кæм уæнды!Лæгдзарм тæнæг у,Æлдар фыдлæг у,Мæлын кæй фæнды?..Фæлидзон, загъта…Йæ фос фæуагътаХъæу-сæр уæзæгыл,Йæхæдæг алыгъд,Дыгурмæ ахызтАдай-æфцæгыл…Ирæй, Кæсæгæй,ФæндырдзæгъдæгæйКæм нæ фæхатти?Цытджын КалачыИæ зарды руаджыСæндæтты бадти.Иæ хорз зарджытæн,Иæ хорз кадджытæнКæрон кæм уыди?Æнæ фæхудгæ,Æнæ фæкæугæЦæм чи лæууыди?!.Йæ къах нæ фæллад,Йæ зард нæ фенадИæ цæугæ-царды…Æрмæст нæ хъæумæКуырмæй фæстæмæÆрцыд Хъуыбады…Сæрдæй, зымæгæй,Гуыбыр-тызмæгæй,Йæ къæрит кæрцыНыхасы бадыЗæронд Хъуыбады, —Нæ йæ зоныс, цы?..