Читать «Ирон фæндыр» онлайн - страница 2

Коста Леванович Хетагуров

Тæхуды

Тæхудиаг, буц хъæбулæйЙæ уалдзæджы царды хурæйЧи бафсæст йæ мады хъæбысы!Тæхуды, æрæгвæззæджы,Хъæлдзæгæй æнкъард рæстæджыЙæ рагуалдзæг хорзæн чи мысы!Тæхуды, йæ фыды зæххыл,Йæ уарзон æмгарты рæгъылКæмæн хъуысы дардмæ йæ зарæг!Тæхуды, йæ гутонимæ,Хæрзифтонг бæхуæрдонимæЙæ бинонтæн чи у сæ дарæг!Тæхуды, йæ дзыллæйы разЧи ракæны барджын ныхас,Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!Тæхуды, йæ уарзондзинад,Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад,Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..

Хæрзбон!

Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй,Скодтон уæрдæхæй дзыхъыннæуæг рон,Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй…Дард у мæ фæндаг… Зæгъын дын: хæрзбон!..Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры,Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын;Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын…Гъеныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ,Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом!Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ,Ферох кæндзынæ иннæбон мæ ном…Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдылИунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, —Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл —Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, —Ма иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæДардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, —Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ,Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ, —Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæронУый «фæндарастæй» кæд ссарин æз йемæ..Ма фæфæсмон кæ!.. Хæрзбон у, хæрзбон!..

Мæгуыры зарæг

Адæмæн сæ рæсугъд уæттæХъармæй, райдзастæй лæууынц,Махæн та нæ сывæллæттæУазал лæгæты кæуынц…Адæмæн сæ чындзхонты хъазтХæхтæ, къæдзæхтæ хæссы,Махæн та нæ гæдыйы уастМардыл кæуæгау хъуысы…Адæмæн сæ цæхджын фыдтæЦарæй фæныкмæ тæдзынц,Махмæ та хæлынбыттыртæЦары ахсдæттæ кæнынц…Адæмæн сæ фæззæджы куыстНе 'ссы афæдзмæ куырой,Махæн та нæ афæдзы мызд —'Гасæй иу хоры кæфой!..

Мæгуыры зардæ

Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, —Лæджы æмбæрц æруары мит;Æфцæгæй коммæ уад дзыназы;Их доныл саразы йæ хид.Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы…Тæхудиаг кæм нæ у сæрд!Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, —Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!.Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, —Йæ сихор, йе хсæвæр – йæ мæт;Иæ уат – ыскъæт, зыгуым – йæ лыстæн,Хъæбæр – йæ цъæх хуыссæн нымæт…Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй,Йæ бон кæд арвиты зынтæй, —Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй —Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй.

А-лол-лай!

Къух дæ ауызын фæразы…Мæй дæ авдæнимæ хъазы.   Стыр лæг мын ысуай!..    А-лол-лай!..Ракæндзынæн дын мæ зарæг…Искуы кæд ысуис мæ дарæг,   Урс уæрыкк дын уон!..    О, мæ бон!..Зындонæй фыддæр нæ цæрæн…Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн   Сау хæххон куыстæй…    Ахуысс, цæй!..Искуы мын куы схъомыл уаис,Уæд ды дæр дзы цух нæ заис,   Бирæ мын цæрай!..    А-лол-лай!..Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ,Къахис митбынæй мæхъитæ,   Стонг æмæ сыдæй…    Ахуысс, цæй!..Сугтæ мын хæссис æргъомæй…Бадзурин дæм уæд æргомæй:   Мады зæрдæ зон,    О, мæ бон!..Бадзурин дæм: уарз нæ бæстæ,Ма цæ суæлдайкæ нæ фæстæ,   Ма цæ бафæллай!..    А-лол-лай!..

Марды уæлхъус